Цæгат Ирыстон Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынмæ цæттæ у. Кусæг къорды æмбырд амыдта хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанты Ларисæ. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй паддзахадон фæлварæн рагагъоммæ радтой ивгъуыд азты 49 рауагъдоны. Экзамен ацыд Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы.
Сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кодтой Донбассы сывæллæттæ дæр. Фæлварæн дæттыны сæйраг къæпхæн та ацæудзæн 26 майæ 1-æм июлы онг. Æдæппæтæй йæ ратдзысты нæ республикæйæ 3 мин 684 рауагъдоны. 41 та — Хуссар Ирыстонæй. Фæлварæнтæ ацæудзысты Дзæуджыхъæу æмæ районты сæрмагонд 17 цæттæгонд пункты.
















