Хъæууон хæдзарады къабаз æппæт категориты дæр цы продукци уадзы, уымæн фарон йæ бæрц фæфылдæр 12,1%. Ивгъуыд азы кæронбæттæны хатдзæгты тыххæй пресс-конференцийы фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.
Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æнтыстджын бæрæггæнæнтæ равдыста фосдарыны продукци. Дзидзайæн цы стурвос æмæ маргъ схастой, уый бæрц схызт 8,3%. Уæдæ, фыстæ æмæ сæгътæ та дарынц 87,4 мины онг фылдæр. Урсаджы продукцийы кондады дæр къухы чысыл нæ бафтыд. Уæдæ уæй кæнынмæ цы кæсаг дарынц, уый у 6 мин тоннæйы.
Ног инвестицион проектты райрæзтæн республикон бюджетæй рахай кодтой 119 млн сомы бæрц. Оперативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæцудыдта картоф зайынкæнынад. Республикæйы картофы мыггæгтæ уадзæн куыстуæттæ ис. Уымæ гæсгæ, хъуыддагмæ цæудзæн фылдæр æргом здæхт. Уæвгæ, къаддæр бæрæггæнæнтæ ис хоры мыггæгтæ æмæ нартхор зайынкæнынады дæр. Ивгъуыд аз сæ бæрц уыд 784 мин тоннæйы. Уый, 2021-æм азимæ абаргæйæ, у 92 тоннæйы къаддæр. Ахæм бæрæггæнæнты аххосаг, специалистты ныхæстæм гæсгæ, у æвзæр боныхъæд.
Къусраты Алан фæнысан кодта, хъæууон хæдзарады къабазы райрæзтæн бæрнон ведомство цы мадзæлттæ бацæттæ кодта, уыдоны тыххæй. Афтæ, гранты хуызы æххуыс райстой 69 фермерон хæдзарады. Æдæппæтæй та 2022-æм азы федералон бюджетæй рахай кодтой 346 млн сомы бæрц, республикон бюджетæй – 11 млн сомæй фылдæр. Кæронбæттæны ма хъæууон хæдзарады министр загъта, къабазы кæй нæ фаг кæны дæсны специалисттæ: фосы дохтыртæ, агрономтæ æмæ зоотехниктæ. Куыд бафтыдта, афтæмæй фарон, санкциты рæстæг, министрад бахъахъхъæдта куысты рæзт, райрæзтæн æппæт уавæртыл архайдзысты дарддæр дæр.
















