Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы бындурыл Æрыдоны сараздзысты æнæпилотон авиасистемæтæ ахуыр кæнынæн тæхæн фæзуат. Уый тыххæй Æгъуызарты Мурат фехъусын кодта Дзанайты Барис æмæ вице-премьерты æмбырды.
Ацы программæ фыццаг чи æххæст кæндзæн, уыцы регионты ‘хсæн ис Цæгат Ирыстон дæр. Архайыны фадат дзы ис 950 скъоладзау æмæ студентæн. Федералон гранты хуызы йын рахай кодтой 298 млн сомы. Премьер ма бабар кодта зæххыты номхыгъд аразынмæ бæстонæй кæсын. Алы зæххы хайæ дæр пайда хъæуы йæ нысанмæ гæсгæ.
2024-æм азы инвестортæн бацæттæ кодтой 38 зæххы хайы республикæйы алы районты. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой цæугæдæтты былгæрæттæ æмæ донвæдты уавæрыл дæр. Дзуапдæттæг федералон бæрнады минæвæрттæ тагъд рæстæджы кусæг балцы республикæмæ методикон æххуыс бакæнынмæ ссæудзысты.
















