Республикæйы алы районы дæр байгом кæндзысты иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн центртæ. Уыдоны æппæт хъæугæ предметтæй ахуыртæ уыдзысты лæвар. Дзуапдæттæг министрадæн аппаратон æмбырды Сергей Меняйло бабар кодта сбæлвырд кæнын, центртæ хуыздæр кæцы скъолаты бындурыл у саразын, уый. Хъуамæ сæм цæуыны фадат алкæмæн дæр уа.
Ныхас ма цыд Арвыкомы фæндагыл ацæуынмæ рады цы уæзласæн хæдтулгæтæ лæууынц, уыдоныл. Оперативон хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ныртæккæ сты 900-йæ фылдæр. Уыдонæй 494 – сæрмагонд фæлæууæнты. Регионы разамонæг фæбæрæг кодта, фæндаджы былгæрæттыл уæддæр бирæ уæзласæн хæдтулгæтæ кæй ис фенæн. Уый фæндаггон змæлд хъыгдары, стæй сæ фæстæ ныууадзынц бирæ бырон. Кæд фæлæууæн бынæттæ дзаг сты, уæд арæны сæрты мидæмæ машинæтæ уадзын нал хъæуы, цалынмæ сын бынæттæ фæзына, уæдмæ. Сергей Меняйло районты сæргълæуджытæй бадомдта сæрæндæрæй кусын, цæст дарын цæрджыты алы курдиатмæ дæр.
















