Коронавирусæй рынчынты нымæц республикæйы къаддæр кæны. Рынчынты дзæбæхгæнæн бынæттæ ноджыдæр 172 фæкъаддæр сты, ныртæккæ сты 936. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодтой оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы администраци æмæ хицауады разамонæг Гобеты Ибрагим.
Регионы æнæниздзинадмæ цæстдарды службæйы разамонæг Ольга Давыдова куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ ковид-стационарты сæхи дзæбæх кæнынц 874 пациенты. Къуырийы дæргъы вакцинаци ацыдысты 5000-мæ ввахс адæймаджы. Уый хыгъд, 60 азæй хистæр цæрджыты ‘хсæн, прививкæ кӕмӕн скодтой, уыдоны бæрæггæнæн нæ аивта æмæ у 26%. Ольга Давыдова фæнысан кодта туаггуыры фарста дæр. Республикæйы 13 рынчындоны йæ хæрзхъæддзинад æппæт домæнтæн дзуапп дæтты.
Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылта Алан фехъусын кодта, сывæллæтты ‘хсæн æхснырсæджы инфекци кæй парахат кæны, уый. Уый фæдыл сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ ахуырадон организациты фæкарздæр кæнын хЬӕуы æнæниздзинады домæнтæ. Фæбæрæг ма кодта, Ног азы бæрæгбоны агъоммæ эпидемиологон уавæрмæ цæстдарды къордты нымæц кæй фæфылдæр кæндзысты. Гобеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, улæфæн бонты рæстæг хæцгæ низ хъуамæ ма апарахат уа.
















