preloader
сейчас в эфире
05:48
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
Смотрите Далее
06:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
06:05
ДОБРОЕ УТРО, ОСЕТИЯ! 12+
06:45
МУЗЫКÆ +
ТВ ПРОГРАММА
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ +
close

Республикæйы сбæрæг кæндзысты Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы бон

4.07.2024 19:55

Историон цаумæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодтой Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды.

6-æм æмæ 7-æм июлы Цæгат Ирыстоны сбæрæг кæндзысты автономийы равзæрды 100 азы юбилей. Историон цаумæ цæттæгæнæн мадзæлттыл æрныхас кодтой Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Бæрæгбон цæудзæн Дзæуджыхъæуы центрон хайы. 6-æм июлы 11 сахатæй 16 сахаты онг Центрон парчы æмæ Сабырдзинады проспекты ацæудзысты алыхуызон мадзæлттæ.

Цæрджытæн æмæ уазджытæн фадат уыдзæн чингуыты æмæ хъæууон-хæдзарадон армукъаты бацархайынæн. Фенын хойрæгты фæзуæттæ, “Нарты хъæзтытæ”, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ робототехникæйæ. Уыимæ, æлыгимæ, стæй куырдадзы чи кусы, ахæм æрмдæснытимæ фемблæдтытæ. Мадзæлтты архайджытæ ма базондзысты туристон техникæйы бындуртæ дæр. 14 сахатыл та Ирон театры уыдзæн кадджын мадзал. Архайдзысты дзы Уæрæсейы президенты минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Цæгат Кавказы регионты разамонджытæ. Бæрæгбон фæуыдзæн 19 сахатыл Сæрибардзинады фæзыл егъау концертæй. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы 100 азы бæрæгбон хъуамæ ацæуа æппæт районты дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз республикæ бæрæг кæны 3 историон цауы: Цæгат Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы цауы 250 азы, автономийы 100 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.09.2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
8.09.2026
07.09.2026 I Самое время
7.09.2026
«Драйв без границ: от барабанов до Голливуда» I Доброе утро, Осетия!
7.09.2026
В итоге: 6 сентября
6.09.2026
Абетӕ. Райдайӕн
6.09.2026
Виктория Кесаева | Песни под звездами
6.09.2026
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Все рекомендуемое