Райдыдта сӕйраг паддзахадон фӕлварӕн. Абон 9 мин æнахъомæй фылдӕр дӕттынц математикӕ. Уый дӕр, уырыссаг ӕвзагау, у ӕнӕмӕнг предмет. Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы сæйраг паддзахадон фæлварæн ныффыстой ӕртӕсӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр. Снысан кодтой 23 аудиторийы. Пункт ӕххæстæй сифтонг кодтой. Бынаты рад хастой медицинон кусджытӕ, æвæстиаты бастдзинады лини уыд ахуырады министрадимӕ. Скусын кодтой видеоцӕстдарды камерӕтӕ дæр. Кампани ахӕсдзӕн 6 июльмӕ. Бæлвырд аххосæгты тыххæй йӕ бон тестировани скӕнын кӕмӕн нӕ баци сӕйраг бонты, уыдонӕн та радих кæндзысты уæлæмхасæн рæстæг — 29 июны, 2, 3 ӕмӕ 6 июлы. Бекмӕрзаты Сослан ӕнӕхъӕн афӕдз репетитортимӕ архайдта. Рауагъдон равзӕрста ӕхсӕнадзонынад ӕмӕ информатикӕ.
















