Уыимæ хуымæтæг мысан акъуырын нæ, фæлæ электронон. Ис дзы дæс зилаччы. Сæрмагонд гæрзтæ тæ æхсты фæстæ бæрæггæнæн æвиппайды равдисынц компьютеры. Иууыл бæрззондæр балл 10 æмæ 9. Уый тыххæй та хъæуы æхсты цыдвæд раиртасын æмæ ма тыхсын.
лайф
Роберт Останин йæ фæндаг райдыдта чысыл нæмыгæхсæнæй. Фæлæ уæд йæ хъуыдыйы дæр нæ уыд ацы спорт йæ царды ахсждиаг хай кæй суыдзæн. Ныридæгæн архайы пневматикæйæ, дзырдæн, йæ уæз у 5 килæйы. Хицæн та уымæй кæнынц æмæ ацы хуызы æцæг нæмгуытæй не ‘хсы. Тренировкæтæ сты иухуызон, зæгъы Роберт, фæлæ хиуыл куыст дæтты хорз бæрæггæнæнтæ. Æрæджы йæхи æнтыстджынæй равдыста бæстæйы чемпионаты. Уæрæсейы историйы ацы спорты хуызы сси æппæт дисциплинæты 4 сызгъæрин майданы чи рамбылдта, ахæм чемпион.
Ерыстæ цыдысты Ижевскы, сæ дæсныдзинад æвдыстой 60 спортсмены бæстæйы 22 регионæй. Роберт тренировкæ кæны Сергей Киселевмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ма йæ хорз хъуыды кæны 2011-æм азы йæм Роберт куы æрбацыд, уый. Раиртæста йæм сæйраг миниуæг — ацы спорты архайыны фæндон. Тренировкæтæ цæуынц къуыри фондз хатты.
Роберты бæллиц у паралимпаг сызгъæрин майдан. Уæвгæ, ацы аз ын радтой ерысты бацархайыны бар, фæлæ нейтралон номимæ спортсмен не сразы. Фæлæ йæ ныфс нæ сæтты. Йæ зæрдæ дары иннæ олимпаг хъæзтыты нæ бæстæйы кад кæй хъахъхъæндзæн.
















