Стадион «Спартак»-ы арæзтадон куыстытæн баххæст кодтой сæ 50%. Цæуынц нысангонд фæткæй раздæр.
Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин. Ныртæккæ сæйраг фарстатæй иу у куыстытæ кæронмæ фæуынæн уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ ссарын. Ӕмткæй райсгæйæ, 1 млрд сомæй фылдæр. Министр куыд бафиппайдта, афтæмæй проектæн фыццаг снысан кодтой дыккаг къæпхæн, фæстæдæр æй раивтой фыццагмæ, уымæн æмæ Уæрæсейы премьер-лигæйы матчтæ арæзт цæуынц æрмæст фыццаг къæпхæны стадионты. Уый тыххæй йыл хъæуы ногæй бакусын. Афтæмæй æххæстгонд æрцæудзысты æдасдзинады домæнтæ дæр. Фембӕлды ма ныхас цыд цæрæнуæтты арæзтадыл. Министры ныхæстæм гæсгæ, ивгъуыд азимæ абаргæйæ ныртæккæ фылдæр хæдзæрттæ арæзт цæуынц. 4 мæймæ срæвдз ис цæрæнуæтты 240 мин квадратон метры. Уыдонæй 81 сты хи арæзтæдтæ 165 та бирæфатерон хæдзæрттæ.