Республикæйы фысджыты цæдисы адæмы рæгъмæ рахастой поэт æмæ прозаик Будайты Милусяйы чиныг. «Уды суадон», зæгъгæ, у ирон æвзагыл фыст уацмысты æмбырдгонд.
Уый у авторы 8-æм чиныг. Ис дзы 7 уацауы æмæ 7 радзырды. Автор ыл куыста 15 азы. Фæндыд æй сæйраг хъайтарты уды ахаст раргом кæнын, цæмæй чиныгкæсæгмæ дæр афтæ кæса, цыма уый дæр семæ цæры æмæ йыл æппæт уыцы цаутæ йæхиуыл æрцыдысты. Будайты Милуся у Æрæфы районы Толдзгуынæй рацæуæг. Фыссын райдыдта скъоладзауæй. Йæ уацмыстæ мыхуыры цыдысты журналтæ «Ногдзау», «Мах дуг», газеттæ «Рӕстдзинад» æмæ «Слово»-йы.