Абон Цæгат Ирыстоны 3 мин рауагъдонæй фылдæр лæвæрдтой иумæйаг паддзахадон фæлварæн математикæйæ. Фæлварæн раттынмæ бацæттæ кодтой 17 сæрмагонд пункты. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн бындурон математикæйæ цыд 3 сахаты, профилон та 3 сахаты æмæ 55 минуты. Уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бахауынмæ математикæ раттын хъæуы æппынкъаддæр 39 баллыл. Дзуапдæттæг министрады куыд радзырдтой, афтæмæй фæлварæн раттынæн арæзт æрцыд æппæт æмбæлгæ уавæртæ дæр.
Ацы бон фæсивæдæн ахсджиаг у. Фæстаг цалдæр азы сæ хъуыдытæ æппынæдзух баст уыдысты фæлварæнимæ. Скъоладзаутæн -иу бирæ хæттыты ауад сæ цæстытыл, аудиторимæ куыд бахиздзысты, хæслæвæрдтæ куыд баххæст кæндзысты, уый. Фæсте аззадысты ахуырты сæдæгай сахаттæ. Рауагъдонтæ сæ тыхтæ æмæ цæттæдзинадыл гуырысхо нæ кæнынц. Уый та хорз бæрæггæнтæ райсынæн у сæйрагдæр.
Фæлварæн æмбæлгæ фæткыл саразыны тыххæй æргом здæхт уыд алы лыстæгдзинадмæ дæр. Паддзахадон фæлварæны цыдмæ сæ хъус дарынц федералон æмæ республикон специалисттæ. 10 сахатыл райхъуыст дзæнгæрæг — фæлварæн райдыта.
Бахъуаджы рæстæг, паддзахадон фæлварæны фæдыл фарстатæ куы сæвзæра, уæд сыл бакусдзысты сæрмагонд службæйы специалисттæ. Колл-центры кусджытæ райсомы 9 сахатæй изæры астмæ цæттæ сты дзуæппытæ раттынмæ. Сæ сæрмагонд номыр 53-49-40. Курдиæттæ чысыл не сты. Арæхдæр дзурынц ныййарджытæ.
Математикæйæ иумæйаг паддзахадон фæлварæны хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты 16 июны. Аппеляцимæ бадӕттӕн уыдзæн дыууæ боны дæргъы. Æппæт фæрстытæн дæр дзуапп раттынмæ цæттæ сты æвæстиаты линимæ бадзургæйæ.
















