Тогойты Даниилы номыл уынджы хæдзары фатер самал кæнын кæй фæндыд æмæ сайды чи бацыд, уыдонæн бирæфатерон хæдзар кæронмæ сараздзысты 2023 азы. Уый фæдыл бадзырд бафысдзысты сæрмагонд федералон фондимæ. Фарстайыл ныхас кодтой республикæйы хицауады æмбырды.
Объектыл кусын райдайдзысты фидæны аз. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæрæзтæ лæвæрд куы æрцæуой, уæд бæстыхайæн сазарын хъæудзæн экспертизæ. Хъæндзинæдтæ сбæрæг кæнын, проектон гæхæттытæм ивддзинæдтæ бахæссын æмæ куыстытæ æххæстгæнæг компани сбæрæг кæнын.
Уымæй уæлдай ма, ныхас цыд регионы социалон æмæ экономикон рæзты хатдзæгтыл 2021 азы фыццаг 6 мæймæ. Промышленнон кондады индекс фæфылдæр, хъæууон-хæдзарадон продукцийы бæрц дæр афтæ. Тускъаты Таймураз фæнысан кодта, кæд æмæ бæрæггæнæнтæ хорз сты, уæддæр дзуапдæттæг министрадты хъæуы Уæрæсейы стæй дунейы базарадтæм лæмбынæг æркæсын. Сбæрæг кæнын экономикæйы фидæны æнтыстджын къабæзтæ.
















