Федералон центримæ æмгуыстад,паддзахадон программæтæ, национ æмæ инвестицион проекттæ. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл ныхас цыд хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Æрдзырдтой ВЭБ.РФ-имæ æмгуыстадыл.
Республикæ æмæ паддзахадон корпораци цæттæ сты иумæ кусын цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, транспорт, туризм, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ахуырады къабæзты. Дзæуджыхъæуы электротранспорт комплексон модернизацийы федералон программæмæ бахæссыны фæдыл æмбæлгæ гæххæттытæ арвыстой Мæскуымæ. Уæлдай æргом аздæхтой туризммæ. Бæстæйы хицауад кусынц грантты проекты райрæзтыл. Гæнæн ис, æмæ дзы Цæгат Ирыстон дæр архайа.
Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой туристон комплекс «Мамысон»-ыл дæр. Ныртæккæ нысан кæнынц фæндаггон балцвæд. Æмбæлгæ гæххæтты райрæзтыл архайынц инженерон коммуникациты фæдыл. Ныртæккæ зынгсирвæзтæй тæссаг рæстæг кæй у, уымæ гæсгæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис фæсидт районты сæргълæуджытæм, цæмæй уавæрмæ сæ хъус дарой.
















