Цæгат Ирыстоны муниципалон скондты советы уыд кусæг фембæлд. Абон райдыдтой дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæ регионы 8 муниципалон сконды, стæй Дзæуджыхъæуы зылды минæвæрттæн.
Ахуыртæ сарæзтой Красноярскы паддзахадон æмæ муниципалон разамынды институтимæ иумæйагæй. Программæйы – лекцитæ, видеоуроктæ, тесттæ æмæ форумтæ. Ахуыртæ ахæсдзысты октябрмæ. Сæ нысан у – муниципалон кусджыты зонындзинæдтæ коррупцийы профилактикæйы фарстаты къабазы фæуæрæхдæр кæнын.
Программæ цæудзæн дистанцион хуызы. Йæ архайджытæ кæронбæттæны райсдзысты сæрмагонд сертификаттæ.
















