Æрвылбон æбъекты вӕййы 130 адæймаджы. Цавæр куыстытæ цæуынц, уымæ гæсгæ сæ нымæц фæивы. Ныртæккæ мæр къахынц, фидæны фæзæн æвæрынц бындур. Мæрæй уый фæстæ территори саив кæндзысты. Ныртæккæ сæйрагдæр хæс у ацы аз чъизи куыстытæ фæуын, цæмæй уалдзæджы кæрдæгфæз байтауой.
Рацарæзты фæстæ фæзты нымæц фæфылдæр уыдзæн. Тренировкæты чысыл фӕзтӕ айсдзысты. Сæ бæсты спортивон скъолайæн сараздзысты æртæ мини-фæзы. Контролон-цæстдарæн пункттæ дæр фæфылдæр уыдзысты. Æдӕппӕтӕй объекты уыдзысты 4. Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Моргуаты Константин куыд бамбарын кодта, афтæмæй уый Уæрæсейы футболон цæдисы æмæ бæстæйы спорты министрады домæн у. Скæсæны ‘рдыгæй трибунæйы фæвæййы асинты арæзтад. Уый фæстæ дарддæр æвæрдзысты æмбæрзæны каркас æфсæйнагæй. Трибунæты бынмæ бæстыхæйтты ам, скæсæны рдыгæй цæттæгæнæн куыстытæ фæуыдзысты афæдзы кæронмæ.
Ныгуылæн трибунæйы бынмæ æрбынат кæндзæн административон корпус, командæты агъуыстытæ, кадджын уазджытæн бынæттæ æмæ пресс-центр. Стадионы ма фæзындзæн светодиодæй дыууæ таблойы. Афтæ æвæрд æрцæудзысты æмæ алы ‘рдыгæй дæр сæ фыстытæ зындзысты. Моргуаты Константин ма куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы рог атлеттææн фадат уыдзæн дарддæр стадионы бындурыл сæхи цæттæ кæнынæн. Дугъгæнæн фæндæгтæ сын бацæттæ кæндзысты.
“Спартак” стадионы уыдзæн 12 мин æмæ 600 бынаты. Моргуаты Константин куыд бамбарын кодта, афтæмæй бынæттæ кæй фæкъаддæр сты, уый баст у æдасдзинады нырыккон домæнтимæ. Ацы фæзуаты, 15 мин адæймагæй фылдæр кæм бацæуа, ахæм стадион аразæн нæй. Фæлæ гæнæн ис, æмæ дзы тагъдаразгæ трибунæ фæзына. Куы бахъæуа, уæд æй сараздзысты ныры проекты фæлгæты. Æппæт куыстытæ дæр æххæстгонд цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ, – загъта Моргуаты Константин. Ноггонд стадионы фыццаг матч нысангонд пъланмæ гæсгæ аæцудзæн фидæны азы августы.
















