Иумæйаг паддзахадон фæлварæн ацы аз ратдзысты 3 мин 600 ахуырдзауы, уыдонæй 41 сты Хуссар Ирыстонæй. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Цæгат Ирыстоны ахуыргæнæндæттæ, фæткмæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ сæхи цæттæ кæнынц фæлварæн саразынмæ. Ивгъуыд къуыри æнтыстджынæй сфæлхат кодтой техникон цæттæдзинад дæр. Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас кодтой дзæбæхгæнæн кампанийы тыххæй дæр. Ацы аз дзы архайдзæн 36 мин сывæллоны.
Сергей Меняйло бабар кодта, цæмæй сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампанимæ бахæссой сывæллæтты райрæзты центр «Вершина» æмæ «Кванториум» дæр.
















