Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл рагагъоммæйы фыццаг байхъуыстытæ аргъæвтой, æртæ тæрхонгонды кæй нæ фæзындысты, уый тыххæй. Ахæстонæй тæрхондонмæ афоныл нæ сæмбæлын кодтой Ситохаты Сослан æмæ Хохойты Аланы. Кæцыдæр хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цъугкиты Азæмæт та, гæнæн ис, æмæ ныртæккæ ис фæсарæнты.
Уымæй уæлдай ма нæ фæзындысты цалдæр адвокаты, цалдæр фарсхæцæджы та тæрхонгондтимæ сæрмагонд бадзырдтæ нæ бафыстой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Дзæуджыхъæуы тæрхондон Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл цы тæрхон рахаста, уый уынаффӕ аиуварс кодта Фӕндзӕм кассацион суд. Иннæ æмбырд ацæудзæн 11-æм майы.
















