Цæгат Ирыстоны парламенты депутатты æвзæрстытæ республикæйы центрон æвзарæн къамис снысан кодта. Ацæудзысты хъæлæс кæныны иумæйаг бон – 11 сентябры. Парламентмæ æвзардзысты – 70 депутаты. Кампанийы архайыны фадат ис æппæт политикон партитæн дæр. Цæгат Ирыстоны дзы ис 28 регионалон хайады. 7 партийы къухфысттæ æмбырд кæнын нæ хъæуы. Уыдон сты «Иугонд Уæрæсе», Уæрæсейы коммунистон парти, Уæрæсейы Либералон демократон парти, «Справедливая Россия – за правду», «Ног адæм», «Родина» æмæ Коммунистон парти Уæрæсейы коммунисттæ.
Æвзæрстытæ снысан кæныны тыххæй уынаффæ дзыллон информацион фæрæзтæ ныммыхуыр кæндзысты иннæ къуыри. Центрон æвзарæн къамисы æмбырды ма æркастысты цалдæр уынаффæмæ.
















