Сывæллæтты сфæлдыстады фестиваль ацыд Дзæуджыхъæуы. Бабастой йæ Уæрæсейы гвардийы æнæбæрнадон хъахъхъæнынады дæлхайады равзæрды 70 азы бонимæ.
Мадзалы уыд кæфтытæ, зарджытæ, аивадон равдыстытæ. Бæрæгбоны бацархайдтой Уæрæсейы гвардийы кусджыты сывæллæттæ æмæ Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон къордтæ. Уымæй уæлдай, абон хорзæхджынгонд æрцыдысты сабиты конд нывты æркасты уæлахиздзаутæ.
Æрыгон курдиæттæ Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ райстой Æнæбæрнадон хъахъхъæнынады управленийы разамонæджы къухтæй.
















