Садоны здыйы-цинчы комбинаты музей хъæуы æвæстиатæй сцалцæг кæнын. Бæстыхайæн ис историон нысаниуæг. 150 азы размæ ам уыд зды æмæ цинкы завод. 2004-æм азы йын йæ бынаты байгом кодтой музей. Ныртæккæ заууат уавæрмæ æрцыд. Цар кæй тæдзы, уый ахоссæй агъуыстыты къултæ схъуына сты. Музейы разамонæг Баситы Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, уавæр æрмæст æрбацæуджыты нæ тыхсын кæны. Фæлæ ма æвзæр кæнынц экспонаттæ дæр.
Алагиры администрацийы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй музей ацы аз цалцæг кæнын райдайдзысты. Куыстытæ баххæст кæндзысты цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Бæстыхай хъуамæ рацаразой дыууæ азы æмгъуыдмæ. Уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ нысангонд æрцыдысты.
















