Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг æххæст кæнын хъæуы æдасдзинады домæнтæ. Зынгхуыссынгæнæн системæты хæрзхъæддзинад, стæй зынгхуыссынгæнæн дондзæуæн æмæ ма æндæр кусæнгæрзтæй ифтонгады тыххæй ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министрады разамынды сæрмагонд æмбырды. Сарæзтой йæ видеобастдзинады фæрцы. Архайдтой дзы министрады цæстдарæн хайадты минæвæрттæ æмæ ацы азы сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампанийы чи лæггад кæндзæн, уыдон. Коронавирусы инфекци кæй апарахат, уый тыххæй фæлладуадзæн рæстæг аргъæвтой. Фæлæ йæм ныридæгæн цæттæ кæнынц. Санитарон æмæ эпидемиологон уавæр куы фæхуыздæр уа, уæд сæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæной 61 уагдоны. Уыдонæй 9 сты æхсæв æмæ бонæй кæм ис уæвын, ахæмтæ. 3 та баст сты алхуызон къабæзтимæ. 49 скъолаты дæлбар чи сты, ахæмтæ. Уагдæтты хыгъд нырма хъуамæ фæфылдæр уа. Ныртæккæ республикæйы хицауады кусы сæрмагонд кусæг къорд æмæ къамис. Бæрæг кæнынц дзæбæхгæнæн уагдæтты цæттæдзинад. Уыцы къордты сконды ис Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Сæ бæрны – æдасдзинады фæткæвæрд. Уый хынцгæйæ арæх аразынц сæрмагонд акци. Адæмимæ ныхас кæнынц интернеты бастдзинады фæрцы дæр.
Сывæллæттæ цы сæрмагонд бынæтты улæфдзысты ацы аз, уыдон хъуамæ дзуапп дæттой æппæт домæнтæн дæр. Уæлдай дæр та – æдасдзинады. Уый тыххæй мах фембæлдыстæм разамонджытимæ. Уыдон радзырдтой куыд цæттæ сты куыстмæ, уый тыххæй. Цы домæнтæ нысангонд сты, уыдон хорз зонынц. Фыццаг хат сæ нæ фæлхат кæнæм. Хъæндзинæдтæ куы рабæрæг вæййынц, уæд мах рафыссæм сæрмагонд гæххæттытæ. Уымæ гæсгæ аиппытæ хъуамæ æнæмæнг нысангонд æмгъуыдмæ аиуварс кæной. Ацы хъуыддаджы æмгуыст кæнæм Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон рæзты министрадимæ. Иумæ кæсæм уагдæтты хæрзхъæддзинадмæ. Ныфс нæ ис, ацы аз дæр хорз бæрæггæнæнтæ кæй радисдзысты, уымæй.















