Халсартæ, дыргътæ, адджинæгтæ, цыхт. Æмæ ма уымæй уæлдай бирæ алыхуызон продукци. Фынгтæ зæу-зæу кодтой алыхуызон хæринæгтæй. Адæймаг дзы цæмæ бавнӕлдтаид, уый зын равзæрæн уыд. Чъиритæ, дзыкка, дзадджын гуылтæ, цæхджынтæ. Сты хиконд, уыимæ ма аслам аргъæй. Уый та уымæн æмæ армукъа хæрзаудæн у.
Армукъайы – сæдæгай адæм. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ, горæты цæрджытæ. Кæцыдæр хæринæгтæ балхæнынæн ма рады лæууын дæр бахъуыд. Сахаты æмгъуыдмæ равдæлон 120 порциимæ пылæуы аг. Цæттæ йæ кодтой ам, скъолайы кæрты.
Фæззыгон армукъа скъолайы сси традицион. Фæлæ йын ныр дыккаг аз ис бынтон æндæр нысаниуæг. Цы æхцайы фæрæзтæ дзы æрæмбырд кæнынц, уыдон сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн арвитынц. Ахæм хъуыды сывæллæттæн сæхимæ разынд. Фыццаг хатт сæмбырд кодтой сæдæ мин соммæ ‘ввахс. Ацы аз фæнд кæнынц сæ бæрæггæнæнтæ фæфылдæр кæнын.
Фæсивæд сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Скъолайы фæз æмæ сæ фынгтæ срæсугъд кодтой фæззыгон ахорæнтæй. Уæдæ сæ уæлæдарæс дæр уыд бæрæгбонхуыз. Чысыл фалдæр та бацæттæ кодтой концерт. Архайдта дзы 58-æм æфсады оркестр дæр. Сывæлæттæ дзырдтой æмдзæвгæтæ, зарыдысты зарджытæ.
Мадзалы ма архайдтой алхуызон адæмыхæттыты æхсæнадты минæвæрттæ. “Фæззыгон аргъау” арæзт æрцыд парти “Иугонд Уæрæсе”-йы æххуысæй.
Цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уыдон æрвыст æрцæудзысты “Адæмон фронт”-ы фондмæ. Фæззыгон аргъауы архайджытæн та æхсызгон у ахæм хуызы иумæйаг уæлахизмæ æвæрæн кæй бахастой, уый.
















