Залæй “Нæ буц хистæрты” зарæг райхъуыст æмæ бæрæгбоны хъайтартæ кæстæртимæ иумæ галуанмæ æрбахызтысты. Алкæй дæр æрбадын кодтой. Суанг фыццаг минуттæй ацæргæ адæмæн ахæм æрхъуыды тынг æхсызгон уыд. Сæ зæрдæтæ дзаг уыдысты æхсызгон æнкъарæнтæй. Кæстæртæ та дарддæр архайдтой хистæрты сбуц кæныныл. Æрыгон фæлтæр сæ курдиат æмæ арæхстдзинад ахæм бон нæ бавгъау кодтой.
Ирд æмæ цымыдисаг равдыст хистæртæн сæ зæрдæмæ фæцыд. Ууыл дзурæг уыд сæ мидбылхудт. Сæ къухæмдзæгъдæй аргъ скодтой кæстæрты арӕхстӕн. Кадджын уазджыты ‘хсæн — ахуырад, медицинæ, хъæууон хæдзарад æмæ æндæр ахсджиаг къабæзты удуæлдай лæггад чи фæкодта, уыдон. Гæджиты Раисæ колхозы фæкуыста 50 азмæ ‘ввахс. Бæрæгбоны фæдыл йæ æнкъарæнтæ æмæ бузныджы ныхæстæ нæ бавгъау кодта.
Октябрскæйы ацæргæ адæмы аппæтадæмон бон бæрæг кæнынц æрвылаз. Культурæйы бынæттон хæдзары рагагъоммæ сæхи фæцæттæ кæнынц. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ сæйраг нысан вæййы хистæрты сбуц кæнын, баузæлын сыл, сæ куырыхондзинады тыххæй бузныг зæгъын.
Ацы мадзалæн ма ис хъомыладон нысаниуæг дæр. Ахæм хуызы фæсивæды ахуыр кæнынц хистæртыл аудын æмæ сын кад кæнын.
Бæрæгбоны архайдтой районы разамынд, æхсæнадон кусджытæ, Иры Стыр Ныхасы уæнгтæ. Мадзалы кæрон ма хистæрты æрхъуыды кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæй.
















