Тагъдад, æвзыгъддзинад æмæ хæлардзинад. Фæсивæд ирвæзын кæнынц сæ æмбалы. Скъоладзаутæ æрмæст хъазгæ нæ кæнынц, фæлæ ма бæстон ахуыр кæнынц медицинон æххуысы бындуртæ. Се ‘хсæн чысыл Маринæ дæр. Уый зæрдиагæй архайы тренировкæты, уайтагъд хъæдгомтæ абæтты. Чызгæн хуымæтæг уроктæ не сты – ам базондзæн æвæстиаты цауы бахауæгæн раст баххуыс кæнын.
Афтæ хъæлдзæгæй скъоладзаутæн райдыдтой сæ каникултæ. Лагерьты цæуынц алыхуызон профилон сменæтæ. Зæгъæм, Æрыдоны 1-æм скъолайы ис 3 здæхты: наукон, сфæлдыстадон æмæ æфсæддон-патриотон. Иумæйагæй фæлтæрты сæ рæстæг æрвитынц 80 ахуыргæнинаджы. Алчидæр сæ равзары зæрдæмæдзæугæ архайд. Кæйдæр фæнды дронтæн разамынд дæттын,
кæй национ уæлæдарæс хуыйын, иннæтæ та тырнынц æфсæддон хъуыддаджы сусæгдзинæдтæ базонынмæ.
Наукон сменæйы чи архайы, уыдон ахуыр кæнынц æнæпилотон тæхæн аппараттты æмæ уæлдæфон системæты бындуртæ, 3д моделировани, цæттæ кæнынц алыхуызон проекттæ. Сфæлдыстадон фæлтæры чи архайы, уыдон та сæ курдиат æргом кæнынц, æхсызгонæй архайынц алыхуызон равдыстыты æмæ конкурсты.
Æрыдоны 3-æм скъолайы дæр ахуырдзауты æнкъард кæнын нæ уадзынц, сæ рæстæг æрвитынц пайдаимæ. Райдиан кълæсты ахуырдзаутæ гæххæттæй кæнынц хæдтæхджыты хуызтæ. Уыимæ сын дзурынц Райгуырæн бæстæйы историйы тыххæй, разæнгард сæ кæнынц æгъдæуттæ æмæ традицитæн аргъ кæнынмæ. Скъоладзаутæ ма сæхи ирхæфсынц – кафынц, хъусынц зарджытæм. Æвзонг зондабитæн æххуыс кæнынц бархионтæ – фарæстæмкъласонтæ.
Ацы кары сывæллæттæ фидæны дæсныйадыл нæ фæхъуыды кæнынц, мæнмæ гæсгæ сæ фарсмæ хорз разамонджытæ куы уа, уæд сын царды раст фæндагыл æрлæууын æнцондæр уыдзæн. Зæгъæм, абон фæлвæрдтой авиконсруктортæ æмбырд кæнын, уыимæ ма базонгæ сты механикы архайдимæ, æнхъæл дæн æмæ сын уый стыр пайда у.
Скъолайы бындурыл лагерьтæ кусынц æгас республикæйы. Сæ сæйраг нысан у фæсивæды курдиæттæ раргом кæнын, цымыдисаг сæм цы архайд кæсы, уым хи бафæлварын. Афтæмæй, сæ рæстæгæрвыст рауайы цымыдисаг æмæ пайда.
Национ проект “Фæсивæд æмæ сывæллæттæ”-йы фæрцы республикæйы скъолатæ профилон фæлтæртæн райстой
нырыккон кусæнгæрзтæ. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ лагерьты программæ æппынæдзух ног кæнынц, афтæмæй та скъоладзаутæн фæзыны фылдæр гæнæнтæ.
















