Ныр ацы уӕтты ис æппæт æмбæлгæ уавæртæ, цæмæй училищæйы ахуырты фæстæ фæллад суадзӕн уа. Сывæллæттæ хъæлдзæг æнкъарæнтимæ хъуыды кæнынц, уаты сæ дзаумæттæ цы хуызы равæрдзысты, ууыл.
Михайловскæйы сæрмагонд профессионалон училищæйы ахуыртæ ахæм нырыккон уавæрты никуы цыдысты. Æмдзæрæн уыд сыхаг бæстыхайы, сывæллæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыд заууат уавæры. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы указмæ гæсгæ, цæрæн уæттæ ахастой ахуырадон корпусмæ. Ныр фæсивæд иу бынаты цæргæ дæр кæндзысты æмæ ахуыр дæр.
Сæрмагонд профессионалон училищæйы сывæллæтты æрмæст ахуыр нæ кæнынц. 2005-æм азæй нæ республикæйы социалон æххуыс кæнынц, царды зын æмæ тæссаг уавæрты чи бахауд, уыдонæн. Бæстыхай арæзт æрцыд 50 азы размæ, уæдæй абонмæ бындуронæй цалцæггонд никуы уыд.
Егъау рацарæзт дзы райдыдта ивгъуыд азы кæрон. Ныр 52 сывæллоны цы уавæрты ахуыр кæнынц, уый федта Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй дзуапдæттæг ведомствойы ацы ноггонд бæстыхайы байгом кæнынмæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты, цæмæй æнахъомтæ аккаг уавæрты ахуыр кæной. Ахуыргæнæндоны министрæн скодтой зæрдылдарæн лæвар ног царды нысанӕн.
Училищæйы ахуыртæ цæуынц 4 дæсныйадмæ гæсгæ – хæринаггæнæг, ахорæг, тракторист æмæ хилдасæг. Æрмадзы фидæны хæринаггæнджытæ практикæйы хуызы фæлхат кæнынц теори. Ныр нырыккон агъуысты хæрианг цæттæ кæнын æхсызгондæр уыдзæн. Уæлдайдæр та ирон чъиритæ кæнын.
Ног уазалгæнæнтæ, ног æнцонархайд пецтæ, ног дзидзакæрдæнтæ, дыргътæ ссæндæнтæ, ног мигӕнӕнтӕ. Сывæллæттæ ардæм зæрдиагæй тырнынц. Хæринæгтæ кæныны дæсныйады уроктæ сын систы уарзондæр.
Рацарæзты мадзæлттæн училищæйæн радих кодтой 13 милуан æмæ 500 мин сомы. Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ахуырады къабазмæ стыр æргом здахынц. Сæйрагдæр у, цæмæй хорздзинæдтæ æххæссой æппæт сабитыл дæр.
















