Ахуыргæнæджы боны агъоммæ Сергей Меняйло арфæ ракодта педагогтæн æмæ рæвдауæндæтты кусджытæн.
Кадджын уавæры сæ схорзæх кодта паддзахадон хæрзиуджытæй. Педагогон архайды стыр æнтыстдзинæдтæ кæй къухы бафтыд, уыдонæн саккаг кодтой «Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы ном».
Æдæппæтæй 17 адæймаджы. Республикæйы сæргълæууæг ахуырады кусджытæн загъта бузныг, бирæ азты сæ удвæллой сывæллæттæн кæй не `вгъау кæнынц, уый фæдыл.
















