Цыколайы ацыд Кодзаты Николайы номыл республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. 60-йæм азты уый фыццаг сфæнд кодта Цыколайы хъæбысхæсты скъола саразын. Ацы ерысты архайынц 12 æмæ 13-аздзыд лæппутæ æмæ чызджытæ. Æдæппæтæй сты 200 адæймаджы.
Æвзонг спортсменты ‘хсæн Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ дæр. Ерыс аразджыты фæнды Кодзаты Николайы номыл турнир æврвылазон скæнын. Архайдзысты дзы республикæйы фæсивæд æмæ Цæгат Кавказы æппæт республикæты æрыгон спортсментæ.
















