Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы слестгæнæн комитеты цæгатирыстойнаг слестгæнæг управленийы коллегийы уæрæхгонд æмбырды. Хатдзæгтæ дзы скодтой 2023-æм азы куыстæн, стæй сæвæрдтой ацы азмæ нысантæ.
Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй слестгæнæн комитеты, æмæ барадон системæйы архайды сæйрагдæр у коррупцийы ныхмæ тох, адæмы æдасдзинад, терроризм æмæ экстремизмы ныхмæ архайд, экономикон фыдракæндтæ ма æруадзын. Сергей Меняйло слестгæнæн управленийы кусджытæн загъта бузныг сæ ахсджиаг æмæ зын куысты фæдыл. Республикæйы разамынд цæттæ у кæддæриддæр барадхъахъхъæнæг оргæнтæн æххуыс кæнынмæ. Ведомствойы æмæ хицауады сæйраг хæс у цæрджыты æдасдзинад хъахъхъæнын.
Сергей Меняйло æмбырды архайджытæн ракодта арфæ Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты равзæрды боны фæдыл. Æрвылаз æй фæбæрæг кæнынц 15-æм январы. Регионы разамонæджы указмæ гæсгæ «Ирыстоны намысы майдан»-æй хорзæхгонд æрцыд Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы слестгæнæн хайады разамонæг Дзарасуты Олег.
«РЦИ-Аланийы сгуыст юрист»-ы кадджын ном радтой слестгæнæн управленийы разамонæг Василий Сироткинæн æмæ Дзæуджыхъæуы Цæгат-Ныгуылæн районы слестгæнæн хайады хицау Мæргъиты Сосланæн. Уымæй уæлдай ма раззагдæр кусджыты фæнысан кодтой Цæгат Ирыстоны Кады гæххæттытæй.
















