Сергей Меняйло фембӕлд ахуырадон программӕ “Ирыстоны æхсар”-ы финалисттимӕ. Сӕрмагонд операцийы архайджытӕ бахæццæ сты регионалон ӕмӕ муниципалон управленийы фарстаты фӕдыл ахуыры ӕртыккаг модулы кæронмæ. Уыцы рӕстӕг сын фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕй хай кодтой республикон министрадтæ ӕмӕ ведомствæты разамонджытӕ. Лекцитӕ та кастысты Президентон академийы паддзахадон управленийы уӕлдӕр скъолайы минӕвӕрттӕ.
Ӕфсӕддонтӕ бабæрæг кодтой ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады, культурӕйы кусæндæттæ, социалон ӕмӕ спортивон организацитæ. Уыдысты Регионæн разамынд дæттæн центры. Ахуырты кæрон алчидӕр ацыд фӕлварӕн ӕмӕ тестировани. Дарддӕр стажировкӕ кӕндзысты республикӕйы хицауады оргӕнты ӕмӕ кусдзысты рауагъдон проекттыл.
Сӕргълӕууӕг фӕбӕрӕг кодта хӕстонты лӕгдзинад, бӕрнондзинад ӕмӕ тырнындзинад. Регионы разамонӕгимӕ фембӕлды уыдысты, ӕфсӕддон-патриотон хъомылады центр “Авангард”-ы чи кусдзæн, уыцы æфсæддонтæ. Дарддӕр ма райдайдзысты кусын директорты уынаффӕгӕнджытӕй ӕфсӕддон-патриотон хъомылады фæдыл.
















