451 милуан ӕмӕ 752 мин сомы республикӕ лӕвар арвыста Æрӕфы районмӕ 2023-æм азы. 2024-ӕм азы та — 517 милуан ӕмӕ 123 мин сомы. Контролон-хыгъдон палатӕйы бюджетты ‘хсæн трансферты закъондзинад ӕмӕ ахадындзинады бӕрӕггӕнӕнтӕм ӕркастысты парламенты советы ӕмбырды. Амыдта йӕ парламенты сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Тхостаты Мурат.
Хъӕууонхӕдзарадон зӕххытӕй нысанон ӕмӕ эффективон ӕгъдауӕй пайда кӕнын — ацы фарстамæ контролон-хыгъдон палатӕ лӕмбынӕг кæсы. Уый у бынӕттон бюджеты сӕйраг гуырӕн. Фаг нӕ цыдысты фиддонтӕ зӕххы хӕйтты хаццоны тыххæй. 2025-æм азы 1-æм январмæ сæ бæрц уыд 27 млн 268 мин сомы.
















