Абон ма Сергей Меняйло фембæлд мотоклуб “Ночные волки”-йы архайджытимæ. Сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг æхсæнад “Знание”-йы æххуысæй арæзт æрцыд адæмты ‘хсæн XI марш “Уæлахизы фæндæгтæ – Кавказ хъæбатырты куырдадз”. Дзæуджыхъæу сси сæйрагдæр æрлæууæнтæй иу. Уазджытæ бабæрæг кодтой мемориалон комплекс “Зæдты сахар”, культурон-патриотон центр “Беслæн. 1-æм скъола”, фембæлдысты “Беслæны мадæлтимæ”. Цыбыр аргъуыд ма ацыд Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуаны. Регионы разамонæг фæнысан кодта, ахæм цаутæ сты ахсджиаг, лæвар кæнынц æцæг æнкъарæнтæ.
















