Сергей Меняйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Мадзал ацыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон исæнуаты. Регионы разамонæгмæ адæм цы фæрстатимæ æрбацыдысты, уыдонæй сæ фылдæрæн уыд социалон ахадындзинад. Фембæлды архайдтой муниципалитеты сæргълæуджытæ, профилон министртæ. Фарстаты ‘хсæн – медицинон лæггæдтæ æмæ хостæй ифтонгад. Адæмы тыхсын кæны æхсæнадон транспорты куыст дæр, сæрмагондæй – муниципалон маршруттæ «Дзæуджыхъæу-Дзуарыхъæу» æмæ «Дзæуджыхъæу-Лескен». Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ республикæ лизингы руаджы уæлæмхасæн æлхæны автотранспорт. Уæдæ æхсæнадон бынæтты уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм цæрджытæ дæр саккаг кодтой сæргълæууæгимæ фембæлдмæ. Афтæ Горæтгæрон районы цæрæг фæсидт, цæмæй Октябрскæйы снывыл кæной Тедеты Павелы уынгæй централон парчы онг фæзуат. Куыд рабæрæг, афтæмæй куыстытæ нысангонд сты 2024-æм азмæ. Алы фарстамæ дæр уыдзæн бæстон цæстдард æмæ йæ фæдыл регионы разамонæг бæрнон кусджытæн ратдзæн сæрмагонд хæслæвæрдтæ.
















