Уæрæсейы арӕзтадон къабазы хуыздӕр специалистты ӕххуысӕй Цӕгат Ирыстоны бакусдзысты кадртӕ цӕттӕ кӕныны системӕйыл. Сергей Меняйло фембӕлд Уӕрӕсейы архитекторты Цӕдисы президент Николай Шумаковимӕ. Ныхас цыд нырыккон специалистты цӕттӕгӕнӕн системӕ саразыныл, цæмæй сӕ бон уа нырыккондæр мадзæлттæй пайда кæнын ӕмӕ сахарты хуызтыл хуыздæрырдæм ахадын.
“Нӕ хӕс — æнцонвадат уавæртæ. Сæ хыгъды фæндӕгтӕ, транспорт”, — бафиппайдта республикӕйы сӕргълӕууӕг. Фембӕлд ацыд Архитектурӕйы Азы фæлгæты, регионы йæ расидтысты 2026-ӕм азы. Республикæйы уыдзæн конференцитӕ, форумтӕ ӕмӕ фестивальтӕ.
Уымæй уæлдай, конкурстӕ, равдыстытӕ, лекцитӕ студенттӕн. Бынативгæ экспозицитӕ аххӕсдзысты ӕппӕт районтыл дӕр.
















