Сергей Меняйло ма фембæлд Уæрæсейы хъæууон хæдзарадон банчы Стъараполы регионалон филиалы директор Алексей Сенокосовимæ. Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой æмгуыстады фарстатыл. Се ‘хсæн регионы агпромышленон комплексæн дарддæры æххуыс. Уыимæ ма ныхас цыд регионы ахсджиаг финансон фарстатыл.
Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй хъæуы экономикон бастдзинад фæуæрхæдæр кæнын, æнтыстджынæй архайын, цæмæй хойраг фæсарæнæй ласт ма цæуа. Регионы разамонæг рахаста фæндон, республикæйы хи хæдзарадтæ кæмæн ис, уыдоны фарсмæ æрбалæууын. Алексей Сенокосов куыд фæнысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы хъæууон-хæдзарадон банк цæттæ у Цæгат Ирыстонимæ æмгуыст кæнынмæ. Ахаддзысты регионы райрæзтыл.
Бафиппайын ма хъæуы уый, æмæ, банчы архайдæй фæстæмæ, регионы экономикæйæн рахай кодтой 32,7 млрд сомы.
















