Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло парти Иугонд Уæрæсейы исæн уаты фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Адæмы фарстатæ баст уыдысты æхсæнадон цардимæ. Афтæ, Дигорайы цæрджыты фæнды, цæмæй сæ горæты цы бырондон ис, уый æфснайд æрцæуа, фæзуат та сног кæной.
Сергей Меняйло сын зæрдæ бавæрдта, куыстытæ кæй райдайдзысты æмæ 2023-æм азы кæронмæ кæй фæуыдзысты. Толдзгуыны цæрæг Хæмыцаты Хадз-Мурат дæр райста разыйы дзупп. Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд загъта, афтæмæй паддзахадон программæйы фæлгæты Толдзгуыны æвæрд æрцæудзысты доны хæтæлтæ. Ныридæгæн куыстытæн ис сметæ æмæ паддахадон экспертизæ. Мæздæджы районы хъæу Малгобекы цæрæг Магомед Тажедуты та фæнды, цæмæй цалцæггонд æрцæуа Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртдзæвæн. Мæздæджы районы разамынд куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ федералон программæйы фæлгæты бындуронæй сцалцæг кæндзысты фидæны аз. Камбилеевскæйы сывæллæтты рæвдауæндоны разамонæджы фарста та баст уыд сæ бæстыхайы бындурон цалцæгимæ. Республикæйы сæргълæууæг сын зæрдæ бавæрдта 2023-æм азы 1-æм сентябрьмæ. Кæрдзыны скъолайы ахуыргæнæг Пъарсиаты Маринæ та республикæйы сæргълæууæгæн радзырдта, сæ ахуыргæнæндонмæ цы фæндаг цæуы, уый заууат уавæры кæй ис. Дзуапдæттæг комитеты куыд загътой, афтæмæй дзы цалцæггæнæн куыстытæ нысангонд сты фидæны азы апрелмæ. Æппæт фарстатæн дæр лæвæрд æрцыд бæлвырд дзуæппытæ.
















