Сергей Меняйло фембæлд, Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтимæ. Æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ хъæбатырдзинад, ныфс æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ æфсæддонтæ хорзæхгонд æрцыдысты Лæгдзинады ордентæй сæ мæлæты фæстæ. Сергей Меняйло хъæбатырты хæстæджытæн ракодта тæфæрфæс æмæ сын радта сæ хæрзиуджытæ. Загъта сын бузныг, æцæг патриотты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.
«Сæрыстыр стæм нæ æфсæддонтæй, уыдон æхсарджынæй хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ, æнæфæцудгæйæ æххæст кодтой сæ размæ æвæрд хæстæ. Сæ ном рох нæ уыдзæн», – загъта Сергей Меняйло.
Регионы разамонæг ма куыд загъта, афтæмæй республикæ дарддæр кæй æххуыс кæндзæн, йе ‘фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтæн.
















