Эпидемиологон уавæр регионы, Дзæуджыхъæуы терчыбылгæроны рацарæзт æмæ Цæгат Ирыстоны фæндæгты бындурон цалцæг. Аппаратон æмбырды архайдтой районты сæргълæуджытæ дæр. Сергей Меняйло йе ‘ргом аздæхта риссагдæр фарстатæм.
Республикæйы эпидемиологон уавæр сæ хæрзтæй нæу. Ууыл дзурæг сты статистикæйы бæрæггæнæнтæ. COVID-госпиталты пациентты нымæц 19% фæфылдæр сты. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон радон æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уæлдай æргом аздæхтой хостæй ифтонгадмæ. Уæрæсейы æнæниздзинадмæ цæстдарды управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ царынæн æнæмæнг хъæугæ препараттæ зынаргъдæр кæнынц. Бафтыд сыл 0,3%. Сергей Меняйло дзуапдæттæг уагдонæн бабар кодта фарста аиуварс кæнын. Уымæй уæлдай ма бахахх кодта, цӕмӕй афойнадыл æмбæлгæ хостæ лӕвӕрд цӕуой, льготæйы хуызы сæ чи исы, уыдонæн.
Сӕйрагдӕр – Дзæуджыхъæуы аивдзинад. Бæлвырддæр дзургæйæ та – Терчы былгæрон æмæ доны станцæ. Хæстæгдæр рæстæг горæты администраци расиддзæн сæ проектты конкурс. Администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав ма куыд радзырдта, афтæмæй сæйраг парчы æрдæгарæзт бæстыхай халынц фæткмæ гæсгæ. А дыууӕ боны куыстытӕ сӕххӕст кӕнынӕн спайда кæндзысты уæззау техникæйæ. Æмбырды ма фæнысан кодтой республикæйы лифтыты хæдзарады сног кæныны фарста. Ныртæккæ ног лифтытӕ æвæрынц 43 объекты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы аз сног кæндзысты 100 лифты.
Ныр цалдæр азы цалцæг кæнынц Беслæны фæндæгтæ. Ацы аз куыстытæ цæуынц Ленины номыл уынджы. Подрядон организацийы куыд зæгъынц, афтæмæй объект ноябры срæвдз уыдзæн. Ныртæккæ та уал сæрмагонд техникæ æмæ къахт уынг цæрджыты къуылымпы кæнынц. Сергей Меняйло бабар кодта адæмы хъæстытæм æмæ курдиæттæм æргом ‘здахын.
Æмбырды архайджытæ ма дзырдтой фидæны азмæ бюджеты пъланыл. Сергей Меняйло куыд зæгъы, афтæмæй бюджет хъуамæ уа бирæвæрсыг ӕмӕ раст дихгонд ӕрцӕуа. Уый тыххæй пълан нысангӕнгӕйӕ хъуамæ архайой республикæйы районты сæргълæуджытæ. Ахæм хуызы бюджеты фæрæзтæ структурæтыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕрст æрцæудзысты. Фарстатæ бынаты иуварс кæныны тыххæй регионы разамонæг кусæг балцы цæудзæн республикæйы районтæм.
















