Дзæуджыхъæуы цæрæг Дзылыхты Арсен сси «Куда привозят мечты» хъазты уæлахиздзау. Рамбылдта ног хдтулгæ Hyundai CRETA. Машинæйæ дæгъæлтæ райста бæгæныфыцæн компани «Бавария»-йы генералон директор Битарты Зелимханы къухæй.
Уыимæ ма финалы 19 архайæгæн байуæрстой алыхуызон лæвæрттæ. Нæ республикæйæ уæлдай ма уыцы хъазты архайдтой Цæгат Кавказы регионтæй минæвæрттæ. Акцийы домӕнтӕм гæсгæ, «Тбау» доны ӕлхӕнджыты цалдӕр мӕймӕ сæмбырд кæнын хъуыд доны ӕвгты сӕртӕ баллтимӕ. Уыдон ивтой алыхуызон купонтæ æмæ лæвæрттыл.
Кæронбæттæны сбӕрӕг кодтой 20 адæймаджы. Се ‘хсæн дӕр ацыд хӕлттӕппарӕн хъазт. Йӕ сӕйраг лӕвар — хӕдтулгӕ.
















