Сергей Меняйлойæн уыд кусæг фембæлд Упрдор «Кавказ»-ы разамонæг Александр Лукашукимæ. Дзырдтой фæндæгты цалцæг æмæ арæзтадыл. Сæрмагондæй Дзæуджыхъæуы иувæрсты чи цæуы, уыцы федералон трассæ «Кавказ»-ы рацарæзтыл. Куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты.
Фæндаджы уæрх уыдзæн 15 метры, алы тæлмы уæрх та 3 метры æмæ 75 см. Шофыртæн фæзындзæн æрлæууæн бынат, 600 хæдтулгæйæн. Объект сифтонг кæндзысты рухсгæнæнтæй, рухсздахæн экрантæй æмæ згъæрæй конд æдасдзинады гæрæнтæй.
















