Сергей Меняйлойæн паддзахадон политикæйы размæ йæ куыст баст уыд гæрзифтонг тыхтимæ. Йæ куыстадон фæндаджы тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Сергей Меняйло райгуырд Алагиры, Цæгат Ирыстоны-Аланийы республикæйы.
1983-æм азы каст фæци Хъаспийаг уæлдæр æфсæддон-денджызон училище.
1983-æй 1992-æм азты Цæгатаг флоты службæгæнæг. Куыста бæрнон бынæтты.
1995 азы каст фæци Кузнецовы номыл æфсæддон-денджызон академи.
1995-æй 2002-æм азты службæ цыд Хъаспийы флотилийы. Уыд бригадæйы Штабы разамонæг, Дагестаны æмæ Астраханы облæсты бригадæты къæмандыгæнæг. Архайдта контртеррористон операциты.
2004-æм азы каст фæци УФ-ы гæрзифтонг тыхты Генералон штабы æфсæддон академи.
2004-æй 2009-æм азты уыд Штабы разамонæг æмæ Новороссийскы æфсæддон-денджызон базæйы къæмандыгæнæг.
2008 азы августы Гырдзыстон Хуссар ИРыстонмæ куы ныббырста, уæд Сергей Меняйло разамынд лæвæрдта Сау денджызы флоты æфсæддон-денджызон тыхтæн.
2009-æй 2012-æм азты уыд УФ-йы Сауденджызы флоты къæмандыгæнæджы хæдивæг.
2014-æм азы архайдта Хъырымы хæдбардзинадыл тохгæнджытимæ. Æрдæгсакъадах æмæ Севастополь Уæрæсеимæ куы баиу сты уæд сси «Крымские морские порты» куыстуаты разамонæг.
14 апрелы 2014-æм азы Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста Указ Сергей Меняйлойы Севастополы губернаторы хæстæ рæстæгмæ æххæстæгæнæй сæвæрын.
Уыцы аз 9 октябры Сергей Меняйло райдыдта Севастополы Губернаторы хæстæ æххæст кæнын.
28 июлы 2016 азы президенты бардзырдмæ гæсгæ сси Сыбыры Федералон зылды æххæстбарджын минæвар. Уыцы азæй 12 августæй у УФ-ы æдасдзинады Советы уæнг. У президенты цур паддзахады стратегион райрæзт æмæ нацпроектты фæдыл Советы архайæг.
Апрелы 2021азы нысангонд æрцыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй.
Сергей Меняйло у Вице-адмирал æмæ хæстон цауты архайæг. Президенты уынаффæмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыд ордентæй æмæ майдантæй. Сæрмагонд сгуыхтдзинæдты фæдыл хорзæхгонд у номылдаргæ хæцæнгарзæй.
















