Йæ граждайнаг хæс сæххæст кæнынмæ æвзарæн хæйæдтæм цæуынц алы кары адæм. Се ’хсæн куыд фæлтæрдджын, афтæ, хъæлæс кæнынмæ фыццаг хатт чи æрбацыд, ахæмтæ. Мæхъиты Алинæйыл 18 азы æрæджы сæххæст. Йæ рухс фидæныл хъуыдыгæнгæйæ ныр æрбацыд Дзуарыхъæуы æвзарæн хайадмæ.
Дзуарыхъæуы 19 æвзарæн хай æрбынæттон хъæуы скъолайы. Ам ныр æртæ боны дæргъы райсомы аст сахатыл райдайы йæ куыст æвзарæн къамис. Ардæм сæ граждайнаг хæс сæххæст кæнынмæ сæумæрайсом æрбацæуынц хъæуы цæрджытæ. Санитарон домæнтæ дæр æххæст кæнынц
Абон, кæронбæттæн бон, схъæлæс кæнынмæ æрбацыд Мæхъиты Алинæ дæр.Чызгыл æрæджы 18 азы сæххæст, уымæ гæсгæ æвзарстыты архайы фыццаг хатт. Тынг бæрнон цæстæй кæсы ацы хъуыддагмæ.
ЦИПУ-йы юридикон факультеты 2-æм курсы минæвар лæмбынæг ахъуыды кодта йæ фидæныл. Фæнсын кодта бюллетены йæ фæнд. Алинæйæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, бюллетень урнæйы куы æппæрста, уæд уæлдай бæлвырд банкъардта йæ бæрнон хæс.
Блокнот, ручкæ æмæ паспорты æддаг цъар балæвар кодтой Алинæйæн дæр. Æрыгæтты хыгъды йæ граждайнаг хæс сæххæст кодта нæ республикæйы карджын æвзарджытæй иу, нæ кадджын хистæрты минæвар 105 -аздзыд Сланты Мисурæт дæр. Уый тыххæй йæм хæдзармæ æрбацыд сæриагонд бригадæ, нæмæнг, санитарон домæнты хынцгæйæ.
17-18 сентябры онг уал Дзуарыхъæуы схъæлæс кодта 1100 адæймаджы. Схъæлæс кæныны иумæйаг бон, куыд æппæт бæстæйы, афтæ, дарддæр хæццæ кæнынц æвзарæн мадзæлттæ. 19-æм æвзарæн хай дæр йæ дуæрттæ сæхгæндзæн изæры 8 сахатыл. Уый фæстæ хъæлæстæ нымайын райдайдзысты
















