Сергей Меняйлойы разамындæй уыд наркотикты ныхмæ республикон къамисы æмбырд. Сæргълæууæг ма иу хатт фæнысан кодта, куыд раздæр, афтæ ныр дæр сæйрагдæр нысан у наркотикхæццæ æмæ сæры зондыл цы буаргъæдтæ ахадынц, уыдоны æнæзакъон зилдух бауромын, цæмæй сæ республикæйы цæрджытæ ма пайда кæной. Ацы хъуыддæгтæ къухы бафтдзысты æрмæст дзуапдæттæг ведомствæты иумæйаг куысты фæрцы. Æмбырды архайджытæ æркастысты ахст адæмимæ куысты социалон-психологон мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ. Ацы архайды дæлхайæдтæ æппынæдзух бæрæг кæнынц уавæр сæрмагонд кусæндæтты. Сергей Меняйло бахæс кодта æппæт дзуапдæттæг ведомствæтæн, цæмæй хæстæгдæр рæстæг иумæйаг фембæлд саразой æмæ æрдзурой къабазы ахсджиаг фарстатыл.
















