Партæтыл æппæт хъæугæ дзауматæ ис: чингуытæ, кусæн тетрæдтæ… Телефонтæ та – нæй, нæдæр дзыппыты, нæдæр хызынты. Бирæтæ сæ скъоламæ хæсгæ дæр нал кæнынц. Гаджетимæ чи рацæуы хæдзарæй, уый та йæ æрвылрайсом бахизæны ныууадзы, райсы йæ æрмæст урокты фæстæ. Фыццаг уал скъоладзаутæм æнахуыр каст. Фæлæ сын пайдаджын æмæ цымыдисаг хъуыддæгтæн фылдæр рæстæг кæй фæзынд, уый сæ зæрдæмæ тагъд фæцыд.
26-æм скъолайы урокты рæстæг телефонтæй пайда кæнæн нæй майæ фæстæмæ. Рагагъоммæ уал ныййарджытимæ стыр æмбырд сарæзтой, фарстайыл бæстон æрдзырдтой. Уынаффæ хаст æрцыд æмхъæлæсæй. Ныййарджыты сæ цотмæ æвæстиатæй бадзурын куы бахъæуа, уæд бастдзинад къласы разамонæгимæ æппынæдзух ис. Директор нын куыд радзырдта, афтæмæй фæсивæд ацы домæны ныхмæ нæ уыдысты. Абон ног фæткыл сахуыр сты, афтæмæй та æрæджы дæр ма сывæллоныл æнæ телефонæй арæх нæ сæмбæлдаис.
Ахуырадон мадзæлттæ, кæнæ æнæнхъæлæджы уавæр ма уæд, æндæр урокты рæстæг телефонæй пайда кæнæн нæй. Ахæм закъоны проект Паддзахадон думæйы сфидар кодтой ноябры. Æрæджы ма закъоны проектмæ иу хатт æркастысты, ныр дзы уæлвæтк уавæртæ нал ис. Скъоладзаумæ ахуырты рæстæг хъуамæ телефон ма уа.
Паддзахадон думæйы рухсады комитеты сæргълæууæг Ольга КазакОва фæбæрæг кодта, скъолатæ хъуамæ сæхæдæг кæй снысан кæной, домæн цы хуызы æххæст кæндзысты, уый. Бæстæйы рухсады министр Сергей Кравцов куыд загъта, афтæмæй ныййарджытæн сæ сывæллæттимæ бастдзинад уыдзæн. Фæлæ урокты телефонæй пайда кæнæн ис æрмæст ахуыргæнæджы барлæвæрдæй
















