Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у Архонкæйы скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнæг Сланты Мананæ. 25 азы дæргъы сывæллæтты æмхиц кæны нæ мадæлон æвзагмæ. Цы дæсныйад райзæрста, уыуыл йæхæдæг никуы фæфæсмон кодта. Йæ хæсыл нымайы канд æвзаг нæ, фæлæ ма сывæллæтты традицитæ æмæ æгъдауыл дæр ахуыр кæнын.
Архонкæйы скъолайы дыккæгæм къласы райдыдта ирон æвзаджы урок. Сабиты уæлхъус – фæлтæрдджын ахуыргæнæг, Сланты Мананæ. 25 азы дæргъы кусы сывæллæттимæ. Æмхиц сæ кæны ирон æвзагмæ. Алы урокмæ дæр бæстонæй бацæттæ кæны. Кæм хъазты хуызы, кæм та уæлæмхасæн æрмæджытæй пайда кæнгæйæ сабиты зонгæ кæны йæ предметимæ. Йæ дæсныйадыл у æнувыд. Сабибонтæй дæр æй фидарæй зыдта, фидæны йæ цард сывæллæттимæ кæй сбæтдзæн, уый.
Мананæйы ахуырдзаутæй бирæтæн ирон æвзаг мадæлон нæу. Уымæ гæсгæ сын æй бауарзын кæнынц нымайы йæ раззагдæр хæсыл.
Сланты Мананæ кусы куыд кæстæр, афтæ хистæр кълæстимæ дæр. Йæ уроктæм сывæллæттæ зæрдæрайгæйæ цæуынц. Зонынц æй, цымыдисаг æмæ бирæвæрсыг æрмæджытæ сын кæй бацæттæ кæндзæн, уый.
Скъолайы фæстæ Сланты Мананæ фæци Дзæуджыхъæуы педагогон училищæ. Уый фæстæ йæ ахуырадон фæндаг акодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Кусын райдыдта Октябрскæйы скъолайы. Стæй, дарддæр райдыдта ирон æвзагыл ахуыр кæнын Архонкæйы сывæллæтты. 17 азы дæргъы Мананæ йæхи равдыста куыд бæрнон кусæг.
25 азмæ Сланты Мананæ йæ дæсныйадыл никуы фæфæсмон кодта. Куыд зæгъы, афтæмæй ахуыргæнæг фыццаджыдæр хъуамæ сывæллæтты уарзгæ кæна. Уый куы нæуа, уæд нæдæр фæлтæрддзинад, нæдæр зонындзинæдтæ æрхæсдзысты пайда.
Хуасдзауты Алинæ
















