Битарты Вячеслав бахæс кодта хицауады уæнгтæн цæрджытимæ куысты фæтк аивын. Ахæм ивддзинæдтæ хъуамæ æрцæуой сæ иумæйаг архайды дæр. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг æрдзырдта социалон-экономикон уавæр фæхуыздæр кæныны сæрмагонд штабы æмбырды. Штаб фæзынд 20 апрелы, Дзæуджыхъæуы цы æнæзакъон акци ацыд, уый фæстæ.
Йæ сæйраг хæс – хихъæппæрисадон къорды фарстатæ алыг кæнын æмæ коронавирусы аххосæй зындзинæдтæ чи`ййафы уыдонæн баххуыс кæнын. Цæрджыты курдиæттæ фылдæр кæнынц. Риссагдæртимæ бахатыны бар уыди Битарты Вячеславы фембæлдтыты рæстæг цæрджытимæ. Фæлæ ныр, сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй йæ хæслæвæрдтæ сæ фылдæр бæрнон кусджытæ не ххæст кæнынц. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ адæм фылдæр къуылымпытæ ййафынц, уæлдай фылдæр бæрæг дарынц се`фтиæгтыл. Бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ хъуамæ сæ куыст фæхъæддыхдæр кæной. Æркæсын хъæуы фæсивæды риссаг фарстатæм, уый тыххæй та хъуамæ профилон уагдæттæ æмгуыст кæной.
Афтæ цæрджыты социалон хъахъхъæныны службæтæ æмæ куыст дæттыны комитеты хайæдтæ. Бакуысын хъæуы хъалонтæ фидыны фæтк фæрогдæр кæныныл. Фæлæ Цæгат Ирыстоны финансты министрад хъуамæ баххæст кæна муиципалон скондты хæрдзтæ. Экорономкион рæзты министрад та дарддæр хъуамæ.
















