Ирон æгъдау куыд амоны, афтæ сæмбæлдысты Бурятийæ уазджытыл сывæллæтты 180-æм рæвдауæндоны. Сабитæ та сын бацæттæ кодтой ирон кæфтытæ, мадæлон æвзагыл аив бакастысты æмдзæвгæтæ. Дарддæр — музейыл экскурси. Делегацийы уæнгтæн радзырдтой нæ культурæ æмæ æгъдæутты тыххæй. Сæ балцы сæйраг нысан та у нæ республикæйы ахуырадон кусæндæтты поллингвалон ахуырад æвзаг куыд хъахъхъæны, уый сбæрæг кæнын.
Æппæтадæмон наукон-практикон конференци цыд дыууæ боны. Нæ республикæмæ уазæгуаты ссыдысты алы регионты минæвæрттæ — ахуыргæндтæ, эксперттæ, методисттæ ныхас кодтой æвзаг куыд бахъахъхъæнæн ис æмæ поллилингвалон системæйы фарстатыл. Мадзал архайджытæ сывæллæтты рæвдауæндæтты æмæ скъолаты аргъ скодтой системæйы ахадындзинадæн.
Гом урок арæзт æрцыд Алайнаг гимназы. Цæгат Ирыстоны ахуырады министрад, Ирон æвзаджы райрæзты центры специалисттæ аргъ скодтой практикон æгъдауæй ахуырты æвзагæй куыд пайда кæнынц, уымæн. Уый фæстæ куыстæн скодтой хатдзæгтæ. Зæгъын хъæуы, уый æмæ республикæйы поллилингвалон системæ нысангонд у дæсгай скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты.
Конференци арæзт æрцыд 11-æм хатт. Уый йын бæлвырд кæны йæ ахадындзинад. Поллилингвалон системæйы сæйраг нысан — æвзаг æмæ культурон хæзнатæ бахъахъхъæнын. Кæстæрты мадæлон æвзаг зонынмæ сразæнгард кæнын.
















