Наниты Руслан у æмхæццæ хъæбысхæсты тренер. Уымæй уæлдай ма, психологийы фидæны магистр. Спорты ахсджиаг у хъуыдыкæнынад. Афтид тыхæй саразæн ницы ис, зæгъы тренер. Рагæй йæ фæндыд спортивон клуб байгом кæнын. Йæ бæллиц сæххæст кæнын ын бантыст социалон контракты руаджы. Ныртæккæ залы архайы 40 сывæллоны.
Сывæллæтты зæрдæтæм фæндаг ссарын. Ахæм хæс йæ размæ сæвæрдта Наниты Руслан. Хъæбысхæсты клубы ахуырдзаутæ æрмæст гауызыл хуыздæр суæвыныл нæ архайынц. Æмхæццæ хъæбысхæсты тренер лæппуты цæттæ кæны удæй фидар спортсментæ уæвынмæ.
Хъæбысхæсты клуб байгом кæныны хъуыды тренермæ раджы фæзынд, фæлæ фæрæзтæ нæ уыд. Социалон контракты тыххæй базыдта Иртернеты. Бизнес-пълан, æмбæлгæ гæххæттытæ æмæ 250 мин сомы райрæзтæн.
Руслан цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдонæй самал кодта спортивон кусæнгæрзтæ. Сæрмагонд гауыз æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ.
Наниты Руслан сывæллæтты бауадзы ныфс, æнæмæнг уæлахиз кæй уыдзысты, уый тыххæй. Фæлæ сæйрагдæр у ныхмæллæуæджы нымайын. Тренер ахуыр кæны психологыл. Сывæллæттимæ куыд кусы, уымæн стыр аргъ кæнынц ныййарджытæ дæр.
Хъæбысхæсты клубы бынат ис 40 спортсменæн, дыккаг фæлтæры къордимæ архайджыты нымæц фæфылдæр вæййы. Уымæ гæсгæ ма райстой иу тренеры.
Сывæллæтты дæнцæгмæ гæсгæ сразæнгард сты ныййарджытæ дæр. Суанг ма, тренерæн дæр загътой, цæмæй сын сæрмагонд ахуыртæ байгом кæна. Русланы ныхæстæм гæсгæ, хъæппæрисыл æнæмæнг ахъуыды кæндзæн.
















