Ногирмæ фæзилæны та ногæй фæзынд æнæзакъон бырондон. Хауæццæгты обæуттæ ам фыццаг хатт нæ сырæзтысты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, зæхх ис Банк Развития Региона-йы æмæ куыстуат «ДУ АДА»-йы разамынды бæрны.
Æнæзакъон полигон Дзæуджыхъæуы префектурæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бафснайдта, бынаты ма суанг гæрæнтæ дæр сæвæрдтой, цæмæй адæм уырдæм мауал ласой сæ бырон. Фæлæ куыд уынут, афтæмæй быронкалджыты уый нæ уромы.
















