Стыр хæсты Уæлахизы 80 азмæ Цæгат Ирыстон йæхи бæстонæй цæттæ кæны. Районты 9-æм майы фæдыл аразынц номарæн мадзæлттæ æмæ бæрæгбоны концерттæ. Нæ абоны райдзаст, сæрибар цардмæ фæндаг нын чи сарæзта, уыдоны мысынц Хæзныдоны дæр. Уыцы лæгæвзарæн рæстæг хъæуыл стыр уæззау фæд ныууагъта æмæ кæд фæлтæртæ кæрæдзийы ивынц, уæддæр æнæивгæ у хъæуы хъæбатырты нæмттæ кæй цæрынц, уый. Абоны мадзал хъæздыг уыд алыхуызон тематикон фæзтæй: дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, спортивон ерыстæ, конкурстæ.
Кæфтытæ, сабиты хъæлдзæг худт æмæ фæсивæдæй дзаг трибунæтæ. Хæзныдоны уынгты абон змæлæг нæ уыд. Цæрджытæ иууылдæр сæмбырд сты сæйраг фæзы. Равдыстытæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, хæцæнгарзы алы хуызты равдыст, суанг ма æнæмæлгæ полк дæр. Æрæфы районы фæсивæдæн Стыр Уæлахизы 80 азы бæрæгбон у ахсджиаг. Арфæ сын ракодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Стадионы та райсомæй фæстæмæ ирд фембæлдтытæ. Уæлахизыл тох кодтой 4 къорды. Дыгай командæтæ Цæгат Ирыстон æмæ Кæсæг Балхъарæй. Футболон турнирмæ æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты бирæ лæппутæ. Сæхи бæстон рагæй цæттæ кодтой.
Уый тыххæй хъæуы ис æппæт уавæртæ.
Стыр архив сæмбырд кодтой. Уыцы уæззау цауты тыххæй фылдæр базонын, фронтæй фыстæджытæ бакæсын сæ бон уыд сæдæгай адæмæн. 142 ныййарæгæн Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй нал сыздæхдысты сæ фырттæ. Хъайтарты нæмттæ сæнусон кæнынæн хатдзæгтæ скодтой сывæллæтты сфæлдыстадон конкурсæн. Архайджытæ уыдысты 70 фылдæр. Зæрдæмæхъаргæ цаутæ,
æмдзæвгæтæ, нывæцæнтæ. Проект æргом кæны æрыгон фысджыты курдиат. Къамисы уæнгтæ хуыздæрты сбæрæг кодтой.
Стыр бæрæгбон Хæзныдоны æмæ республикæйы цæрджытæн. Цытджын Уæлахиз у нæ иумæйаг циндзинад. Æнгом кæны милуангай адæмы. Сæ цард сабырдзинады сæраппонд чи радта, уыдоны кæстæрты.