Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæй ма бирæтæ ӕгас куы уыдысты, уыцы азты рæзыд Дзебойты Станислав. Cтыр цымыдисӕй сын хъуыста сæ таурӕгътӕм. Фæстæдæр ын фадат куы фӕци, уӕд та йе ‘мхъæуккæгтæй фронты чи уыд, уыдоны нӕмттӕ дурыл сæнусон кодта. Уӕд Ӕнусон арты цур ард бахордта, се стыр сгуыхтдзинады аккаг кӕй уыдзӕн, ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ ууыл иузӕрдионӕй баззад.
Станислав йӕхи фӕрӕзтӕй цы цыртдзӕвӕнтæ æмæ номарæн фӕйнӕджытæ сарæзта ӕмӕ сног кодта, уыдон дæсгæйттæ сты. Дарддӕр йӕ зӕрдӕ ахсайдта агурӕн куыстмӕ. Сси къорд “Мемориал – Авиа”-йы уæнг. 2005 азы ссардтой, 42-æмы Æхсæрысæры цы хæдтæхæг æрæппæрстой, уый. Йæ пилот æмæ ӕхсӕг-радисты стæгдар ын баныгæдтой Суаргомы хъахъхъӕнджыты музейы,
34-ӕм хицӕн денджызон ӕхсӕг бригады фистӕг ӕфсады батальоны æдзард фæсивæды фарсмæ.
Ам, Суаргомы хъахъхъæнджыты музейы, сæрибар агъуыст ис, уый куы федта, уæд йæ зæрдæйы æрцард ног бæллиц — Мады Намысы зал дзы саразын. Райгуырӕн бӕстӕн хъӕбатыр хъахъхъӕнджыты чи схъомыл кодта, уыдоны сгуыхтдзинады фӕдыл.
Стыр куыст бакодтой, сӕ фырттӕм хӕсты быдырӕй чи нал банхъӕлмӕ каст, уыцы бирӕсывӕллонджын мадӕлты тыххӕй ӕрмӕг ӕмбырд кӕныныл. Ӕмӕ йæ Уӕлахизы боны хӕдразмӕ, 2017 азы кадджын уавæры байгом кодтой.
Мады Нымысы залы сырæзты хъуыддаджы йæ уд бавæрдта. Æмæ йын музейы разамынд дæр ам уый тыххæй сфæнд кодта саразын номарæн фæйнæг. Байгом æй кодтой йæ фырт æмæ йæ чызг. Дзебойты Станиславы архайдæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй скъоладзаутæн радзырдта Мырыкаты Артемий.
Дзебойты Станиславы хъӕппӕрисӕй ма Сталинграды тохы Ирыстонӕй рацӕуӕг фондз мин архайæджы номыл Волгограды байгом цыртдзӕвӕн. Æмæ ацы хъуыддæгтæ йæ хæрзты чысыл хай сты. Саккаг ын кодтой “Ирыстоны намысæн” майдан. Хъыгагӕн, абон немӕ нал ис: 2025 азы 9 июлы йын уӕззау низ аскъуыдта йӕ цард 69-аздзыдӕй. Фӕлӕ ӕгас у, йемӕ зонгӕ чи уыд, уыдоны мысинӕгты.
















